Низты контролы центры хъусинагæй, гриппы сезоныл, H1N1 вирусæй дыууæ адæймаг амард
Низты контролы æмæ æхсæнадон æнæниздзинады национ центры хъусын кæнынц, цæмæй зæгъгæ гриппы сезонмæ, вирусæй H1N1-æй дыууæ аæдймаг фæхъуыд. Центры къухдариуæггæнæджы, Амиран Гамхърелидзейы куырдиатæй, дыууæдæр цауы, æргом уыдис медицинон уагдонмæ, фæстиатæй бацыд. Афтæма дыууæдæр пациентæн уыд хроникон низтæ.
«Лабораторионæй бæлвырд дыууæ адзалы цау ис, кæцытæ баст уыдысты гриппы вирусимæ æмæ сæрмагондæй та H1N1- типы вирусимæ. Иу уыд Имереты, дыккаг Ачъарайы. Дыууæдæр цауы, пациенттæ медицинон уагдонмæ бацæуын байрæджы кодтой. Дыууæ дæр фæмардуæвæг рынчын уыдысты хроникон низмæй, грипп та сæ фæкарз кодта ацы адæймæгты хроникон низтæ»,- райхъусн кодта Амиран Гамхърелидзе.
Цалдæр боны размæ фæмардуæвæг аст аздзыд чызгы цауы Амиран Гамхърелидзейы дзырдæй, нырмадæр нæу бæрæг, уыдис æви нæ адзалы аххос гриппы вирус. Низты контролы националон центры дзурынц, цæмæй иртасæн нырма дарддæр кæны.