Нино Ломджариа æмæ Украинайы парламенты адæймаджы барты комиссар æмгуыстады меморандум бафыстой
Украинайы парламенты адæймаджы барты комиссар Людмила Денисова æмæ Гуырдзыстоны адæмон барты сæрылдзурæг Нино Ломджариа къух бафысто æмгуыстады фæдыл меморандумыл.
Фарсытæ сбæлвырд кодтой сæ цæттæдзинад, æнгом æмкуыст кæной адæймаджы барты æмæ бындурон сæрибардзинæдты хъахъхъæды механизмтæ фæхуыздæр кæнынæн, демокративон институтты æмæ закъоны сæйрагдзинад стынг кæнынæн.
Меморандумы фæлгæтты фарсытæ æнæаргъæвгæйæ фехъусын кæндзысты кæрæдзийæн адæймаджы барты халыны цауты фæдыл Украинайы æмбæстæгтыл Гуырдзыстоны территорийыл æмæ Гуырдзыстоны æмбæстæгтыл та Украинайы. Райсдзысты æмæ æркæсдзысты сæ бæстæйы тæрриторийыл цæрæг иннæ бæстæйы æмбæстæгты куырдиæттæ; баивдзысты адæймаджы барты хъахъхъæды сферæйы фарсыты куысты фæдыл аналитикон информацион æрмæджытæ, регулиргæнæг барадон документтæ.
Документы хаххгондæй у банысангонд хъизæмары кæнæ æгадгæнæг ахасты кæнæ æфхæрды превенцийы сферæйы æмгуыстад. Банысангонд у, цæмæй Украинайы æмæ Гуырдзыстоны националон превентивон механизмтæ сыххæст кæндзысты иумæйаг визиттæ æрцахсты бынæттæм æмæ æндæр æхгæд уагдæттæм Украинайы æмæ Гуырдзыстоны, баивдзысты информаци (уый нымæцы æнæнизхъахъæды æмæ æндæр аууæлтты) иу фарсы æмбæстæгты фæдыл, кæцытæ иннæ фарсы сæрибардзинад арæнгæнæг уагдæтты æрвитынц æфхæрды æмгъуыд.