Николоз Самхарадзе – Оккупацигонд Абхазмæ Белорусы парламенты делегацийы визит мæстыгæнæн у, уый тыххæй нын уыдзæн карз реакци
Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад агайыны цыфæнды равдыст тызмæг фауæм, уый нымæцы оккупацигонд Абхазмæ белорусы националон æмбырды делегацийы визитыл нын уыдзæн карз реакци, – Уый фæдыл Гуырдзыстоны парламенты æддæ ахастыты комитеты сæрдар Николоз Самхарадзе райхъусын кодта.
Николоз Самхарадзе куыд банысан кодта афтæмæй, ай зæгъгæ у уыцы визиты дарддæрдзу, кæцы уыд Белорусы президентæн цуъс рæстæг размæ Абхазы.
«Мæстыгæнæн у зныггад кæны не хсæн ахастытæн. Уый тыххæй нын уыдзæн карз реакци. Уый бафауын хъæуы уымæн æмæ Гуырдзыстоны территорион æнæхъæндзинад агайæг у. Уый та у оккупацийы фæдыл закъоны хæлд. Алцыппæт аразæм, дипломатон цæстæнгасæй цы ис гæнæн, уый. Минæвармæ фæсидынæй æмæ ацы архайд бафауынæй дарддæр ма, паддзахадмæ æндæр мцъистæ нæй. Иттæг карз формæ уыдаит дипломатон ахастытæ аскуынын, фæлæ не нхъæлын, цæмæй уый исты пайда æрхæссæг уа. Уый тыххæй дæр, архайæм уыцы дипломатон протоколæй, кæцы ис ацы цауы. Цæй зæгъын æй хъæуы, кæд æмæ Белорусы æрдгæй сырх хаххытыл ахизыны æмæ Абхаз æмæ Цхинвалы а.х. хæдбарад банымад æрцыд, уæд арызт уыдзæн карздæр къахдзæфтæ, дипломатон ахастыты аскъуынын. Ныфс мæ ис Белорус ацы къахдзæф нæ сараздзæн», – райхъусын кодта Сапмхарадзе.
Белорусы национ æмбырды (парламент) делегаци оккупацигонд Абхазмæ ныццыд. Информаци ахæлиу кодта белорусаг медиа.