Николоз Самхарадзе – ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы хыгъдлæвæрдмæ бафтдзæн фиппаинаг, кæцыйы Сирийы хицауадмæ сидынц Абхазы æмæ Цхинвалы регионы «хæдбардзинады» банымад фæуромой
Николоз Самхарадзе – ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы хыгъдлæвæрдмæ бафтдзæн фиппаинаг, кæцыйы Сирийы хицауадмæ сидынц Абхазы æмæ Цхинвалы регионы «хæдбардзинады» банымад фæуромой

Æттаг ахастыты комитеты сæрдар æмæ ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы Гуырдзыстоны иудадзыгон делегацийы сæргълæууæг Николоз Самхарадзейы инициативæйæ, парламентон ассамблейы æрвылазон хыгъдлæвæрдмæ бафтдзæн фиппаинаг, кæцыйы ног Сирийы хицауадмæ сидынц, цæмæй Гуырдзыстоны дыууæ оккупацигонд регионты  хæдбардзинад банымад айса афтæ дæр Украинæйы территориты – Донецк æмæ Луганскы.

Фиппаинагмæ гæсгæ, ОБСЕ-йы парламентон ассамблея Сирийы ног хицауадмæ сиды Гуырдзыстон æмæ Украинайы территорион æнæхъæндзинад банымайа.

«Мæнмæ гæсгæ, сымахæй бирæтæ нæ зонынц, цæмæй Сирийы раздæры хицауад, Уæрæсейы Федерацийы хæслæвæрдмæ гæсгæ, банымадта гуырдзиаг регионты Абхаз æмæ Цхинвалы регионты «хæдбардзинад», афтæ дæр  Украинæйы регионты Донецкы æмæ Луганскы Адæмон Республикæты «хæдбардзинад». ОБСЕ-йы парламентон ассамблейы дыууæ хайадисæг бæстæты, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы æнæхъæндзинад æмæ Сирийы ног хицауадмæ æрсидт Абхаз æмæ Цхинвалы регионты, афтæ дæр Донецк æмæ Луганскы «хæдбардзинады» банымад æрурома æмæ Гуырдзыстон æмæ Украинæйы территорион æнæхъæндзинадæн кад æмæ банымайын» ​​– райхъусын кодта Николоз Самхарадзе.