Ника Мелиайы адвокаты, Гиорги Кондахашвилийы информацийæ, психологийы рæзынады иртæсæн центры къухдариуæггæнæг, Бесик Богвелийы номæй, «Националон Змæлды» офисы райстой фыстæг, кæцымæ гæсгæ дæр Богвели прокуратурæмæ басидтис æмæ цæттæдзинад равдыста Ника Мелиайы цъынды бафидыны фæдыл.
Адвокат куд дзуры уымæ гæсгæйæ, «Гæнæн ис, уый хицауады æвæрд спектакль у».
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, Ника Мелиайæн цъынды бафидын кæцыфæнды уæнгы æрдгæй, куыд техникон афтæ барадмæ гæсгæйæ гæнæн нæй.
«Фæстаг иу мæйы дæргъы афтæдæр «Гуырдзиаг Бæллиццы» минæвæрттæ æхсæнады хъусын кодтой сигнал, цыма Ника Мелиайæн йæ бон у кæцыфæнды рæстæджы бафида цъынды æмæ ссæрибар уа ахстæй. Уый у мæнг æмæ уыцы гæды пропагандæйæ, хицауады архайы партнерты цæстмæ.
Абоны уавæрæй Ника Мелиайы ныхмæ тæрхондонæй уынаффæ у ахст æмæ уымæ æмбæлгæйæ, 3 ноябры рахæсгæ тæрхоныскуыд цъындыйы фæдыл анулиргонд у. Нæй гæнæн, чифæнды уæд бафида цъынды куыд техникон афтæ барадмæ гæсгæйæ, уымæн æмæ йын стæрхон кодтой ахст.
Æвæрæм фарст «Бæллиццы» минæвæрттæм – сымах иу куы дзурут цæмæй Ника Мелиайæн йæ бон ц цъынды бафидын æмæ ссæрибар уа ахстæй, уæд ма бацамонут кæцы уынаффæйы бындурыл ис гæнæн уый саразын» – райхъусын кодта Гиорги Кондахашвили.