«Иууон Нацоналон Змæлды» уæнг Ника Мелиайæн депутаты æххæстбартæ фæурæдта.
Ника Мелиайæн депутаты æххæстбарты æмгъуыдагъоммæ фæурæды фарстайæн парламенты пленарон рабадтыл хал цалдæр минуты размæ сыппæрстой.
Депутаты æххæстбартæ фæурдæн схъæлæс кодтой 88 депутат, ныхмæ та иунæг дæр не схъæлæс кодта.
Бакой уын кæндзыстæм, Тбилисы сахарон тæрхондон банкъ «Картуйы» аразгæйæ фæкъотри кæныны аххосагы хъуыддагыл зылынмæ лæвæрд, Никанор Мелиайы зылынгæнæг скуыддзаг рахаста 2 декабры.
Ника Мелиайæн æфхæрды хуызæй стæрхон кодтой 25 000 ларийы бæрц ивар бафидын. Уымæн афтæдæр байстой, бæрзонд пост бацахсыны бар 2 аз æмæ 3 мæйæ.
Конституцимæ гæсгæ, зылынгæнæг тæрхоныскуыд депутатæн æххæстбарты фæуромын бындурæй гæнæн ис цæуа нымад.