Ника Мелиа - Украинæйы, знон æвзарæнон фадгуыты цур æрцыд революци
Украинæйы знон æвзарæнон фадгуыты цур æрцыд революци – уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг Ника Мелиа райхъусын кодта.
Ника Мелиа куыд банысан кодта афтæмæй, Украинæйы æвзæрстытæ уыд нæзагъд æнæ æрмæст иу хицæн олигархæн, фæлæ ма алцы уыцы олигархæн, кæцытæ Украинæйы архайдтой.
«Уырнæг дæн, Украинæйы знон айтынггонд фæзындттæ, кæнæ та олигархыты саст, æрмæст ма тых бамхас кæндзæн гуырдзиаг оппозицион тыхтæн сæ тохы гуырдзиаг олигархийы ныхмæ. Уырны мæ, Михеил Саакашвилимæ лæвæрд æрцæудзæн фадат Украинæмæ æрыздæхын, уымæн æмæ уый бæстæйæ æнæзакъононæй аддæдуар кодтой, сахары тæккæ астæуæй скъæфгæйæ. Уый цыдæриддæр знон Украинæйы æрцыд, нысанамонæг у иу иттæг ахсджиаг цæстæнгасæй, саст баййæфта олигарх, кæцы Иванишвилийы бирæ бонджындæр у. Уый нæ бахъом ис йæхимæ ныууадзын хицаудзинад, цæмæн? Уымæн æмæ дзы ницы сарызта азты дæргъы, афтæ куыд Бидзина Иванишвили ницы аразы ам. Зноны æвзæрстытæ Украинæйы уыд референдум. Уый уыд революци æвзарæнон фадугыты цур, æмæ мæ ныфсджынæй мæ бон зæгъын у, раст афтæ æрцæудзæн Гуырдзыстоны дæр, адæм нæзагъд ракæндзысты Бидзина Иванишвилийæн, Чхартишвилийæн, Гомелаури æмæ Гахариайæн», – райхъусын кодта Ника Мелиа.
Украинæйы бюллетенты 96% бахыгъды фæстæ, Владимир Зеленский райста хъæлæсты 73,14 процент. Украинæйы ЦÆК-ы бæрæггæнæнтæй, Петро Порошенкойæн схъæлæс кодтой æвзæрстгæнджыты 24, 53 проценты.