Ника Мелиа сиды, цæмæй цыппар оппозицион цæдисы фыстæг у паддзахады интерестæн æмæ лæггад кæны къуымауæй рацæуыны фæндаг ссарынæн
«Ивæндзинады коалицийы» лидер Ника Мелиа сиды, цæмæй цыппар оппозицион цæдисы фыстæджытæ ДжозепБоррелмæ æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты æттаг хъуыдтæгты министртæм нæ фæзиан кæндзысты паддзахады интерестæн, фæлæ лæггад кæндзысты тупикæй рацæуыны фæндаг ссарынæн.
«Æнæрмæст зиан нæ хæсдзæн, фæлæ ма паддзахады интерестæ дæр æндавынц ацы мидисы расидæн æмæ фыстæгæй. О, æвзæрстыты фальсификаци кæй æрцыд, уый зындгонд у æрмæст Тбилисы, Вакейы кæнæ Гуырдзыстоны нæ, фæлæ æппæтдунеон æмвæзадыл, уый алкæмæн дæр зындгонд у, АИШ, Евроцæдис æмæ Стыр Британийæн. Оппозицион партиты æрдыгæй ацы фарстайыл ноджы иу хатт бахахх кæнын ницы зиан æрхæсдзæн, фæлæ лæггад кæндзæн ацы тупикæй рацæуыны фæндаг ссарынæн, æмæ цæмæн уый искæмæн диссаг у ацы бæстæйы, уый мæнæн ноджы тынгдæр диссаг у», – расидтис журналисттæн Ника Мелиа.
Коалици «Ивддзинæдты тыххæй», «Иудзинад – националон змæлд», «Тыхджын Гуырдзыстон», парти «Гуырдзыстоны сæраппонд» фыссынц Евроцæдисы æддаг æмæ æдасдзинады хъуыддæгты фæдыл Евроцæдисы уæлдæр минæвар Джозеф Боррелмæ æмæ Евроцæдисы уæнг бæстæты фæсарæн хъуыддæгты министртæ.