Ника Мелиа - Сæрибардзинады уæлахиздзинад, Сæрибары фæзæй хъуамæ райдайæм
«Хицауадæн лæвæрд æмгъуыд аивгъуыдис æмæ Иванишвилийы режим бæстæйы æртыккаг президент, Михеил Саакашвилийы мæлæтæй æфхæрды фæдыл тæрхоныскуыд нæ аивдта, хъавы кæронмæ бакæнын йæ сыххæст. Фæнды мæ дзырд раттын, цæмæй уый нæ бауадздзынæн. Мах аирвæзын кæндзыстæм ацы бæстæйы намыс», – уый фæдыл парти «Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиа, абоны брифингыл райхъусын кодта.
Афтæма, йæ ныхæстæм гæсгæ, абон Гуырдзыстон лæууы историон алвæндагыл – ныгуылæн, æви Уæрæсе. Ника Мелиа дзуры, цæмæй Михеил Саакашвилийы фервæзын кæнын у абон нæ историон барæвзары сæйраг хахх.
«Ныгуылæйнаг Гуырдзыстон домы Саакашвилийы ссæрибар кæнын, уырыссаг Гуырдзыстон та уынæм, амондджын у йæ ахстæй æмæ йæ мæлæтмæ æнхъæлмæ кæсы. Растдæр уый тыххæй, бæстæйы æртыккаг президенты фервæзын кæнын у нæ историон барæвзары хахх, сывзардзыстæм ныгуылæн, æви сывзардзыстæм Уæрæсе», – райхъусын кодта Ника Мелиа.
Ника Мелиа райсом, 8 ноябры, Сæрибары фæзыл акцийы тыххæй райхъусын кодта.
«Алчи сом, Сæрибары фæзыл, 8 ноябры, аст сахатыл, сæрибардзинады уæлахиздзинад Сæрибары фæзæй хъуамæ райдайæм, алчи уым, цы ран Гуырдзыстоны истори бирæ хатт уыд фыст. Итсориайы раз Гуырдзыйы æхсæнад саст никуы уыд нæдæр æввахс фидæны уыдзæн. Мах фæуæлахиз уыдзыстæм, фæуæлахиз уыдзыстæм рæстдзинады фæрцы», – банысан кодта Ника Мелиа.