Ника Мелиа - парламентмæ бацæуыныл мын ацытæккæ, иунысанон дзуапп нæй, коллегæтимæ райсомæй ауадздзынæн консультацитæ
«Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиа дзуры, цæмæй парламентмæ «Националон Змæлды» бацыды тыххæй уынаффæ рахæсдзæн коллегæтимæ консультациты фæстиуæгæн.
Мелиа ахæстонæй рацыды фæстæ куыд загъта афтæмæй, райосмæй партийы ацæудзæн консультацитæ.
«Райсомæй цæудзæн тынг æнгом консультацитæ фыццаджы дæр партийы мидæгæй æмæ афтæдæр алы уыцы уæнгимæ, кæцытæ парламентмæ бахызтысты. Уымæн бахъæудзæн цалдæр бон, цæмæй кæронбæттæн уынаффæ рахæссон. Зонын цæмæй партийы мидæгæй ис хъауджы позицитæ. Парти «Националон Змæлд» парламентмæ хъуамæ бахиза кæнæ ма бахиза, уый тыххæй бæлвырд дзуапп раттын мæнæн дæр нæу мæ бон. Уынаффæ хъуамæ уа прагматон, рационалон. Тохы уæлахиздзинады кады худыл мæн банымайын нæй гæнæн, уымæн æмæ ацы политикон ахæстон ныууагъдтон. Мæ хъуыдымæ гæсгæйæ, периодонæй иу рох кæнæм цавæр æнауæрдон ныхмæлæууæгимæ тох кæнæм уый. Уырнæг дæн, цæмæй фæстаг политикон нысанæй ахæст нæ дæн, Цалынмæ Бидзина Иванишвили политикæйы ис уæдмæ» – райхъусын кодта Мелиа.