Ника Мелиа - Ныр ма баззад ахæм рард, бауромой мын депутатты æххæстбартæ
«Иууон Националон Змæлды» уæнг Ника Мелиа “Карту Банкъы” фæкъотри уыны хуъыддагыл рахæсгæ скуыддзагы фæстæ Фыццаг Комментари сарызта.
Мелиайы дзырдæй ныр сæххæст кæнинаг ма у ноджы иу рард, цæмæй йын депутаты æххæстбартæ йæхимæ ныууадзой.
«Факт у абон нын ис ахæм уавæр, цæмæй раздæр 26 июн куыд уыд, «Гуырдзиаг Бæллиццы» депутаци куы æрымбырд æмæ райстой уынаффæ, цæмæй мæ æрцахстаиккой, фæлæ стæй сæ хъуыды аивдтой, реалонæй ныр сæ рард у, цæмæй парламентæй мæ раддæмæ кæной, урæд мын æрцæуа депутаты æххæстбартæ, кæцыйæн хъуамæ сæппарой хал æввахс сессион рабадтыл. Алцыппæт уый не рцæудзæн æнæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» депутаттæй. Коллективонæй Бека Одишариатæ хъуамæ ныххæцой къух уыцы джыбыйыл, кæцыйыл ма хъуамæ ныххæцыдаит фæлæ сын уый аргъ у», – райхъусын кодта Ника Мелиа.
Тбилисы сахарон тæрхондон «Карту Банкъы» фæкъотри уыны хъуыддагыл зылынмæ лæвæрды, юстицийы раздæры министр Зураб Адеишвилийы æмæ «Националон Змæлды» иуæй-иу лидеры, Ника Мелиайы æрдæм тæрхоныскуъыд райхъусын кодта.
Ника Мелиайæн аххосаг бавдыстæуыд дыууæ статийæ. Тугтæрхоны барады кодексы 332-æм статийæ бавдыст аххосагы, кæцы кусæн æххæстбартæй фыдвæнды спайда дары йæ хуъыдыйы, Мелиайы аххосджыныл банымадтой æмæ йын 25 мин ларийы ивар стæрхон кодтой, æрмæст 205-æм статийы та йæ сраст кодтой (мулкы бамбæхсын, цæстмæ бадзырды фæрцы).
Цыдæриддæр та Зураб Адеишвилийы ныхмæ рахæсгæ тæрхоныскуыдмæ æххæссы, Адеишвили алы бавдыст аххосагы зылынджыныл нымадмæ ист æрцыд. Уымæн фондз аз æмæ æртæ мæййæ ахст стæрхон кодтой.
Афтæма, Ника Мелиайæн уæлæмхас æфхæрдæй дыууæ азæй æмæ æртæ мæййæ йæ куыст ахсыны бар байстой.
Тæрхоныскуыды райхъусын кæныны рæстæджы тæрхондоны нæ уыд Ника Мелиа.
Фæнысангонд хъуыддагыл Ника Мелиа æмæ Зураб Адеишвилийæн, аххосаг бавдыстæуыд 2013 азы. Зураб Адеишвилийæн фæсаууонмæ æфхæрды мадзалæй сбæлвырд кодтой аст, æрмæст Ника Мелиайæн 25 000 ларийы цъынды.
Абоны тæрхоны рабадтыл «Националон Змæлды» лидертæ уыдысты.