Ника Мелиа - Гуырдзыстоны фидæны тыххæй скуыддзаггæнæг тох райдайæм
«Иууон Националон Змæлды» иуæй-иу лидер Ника Мелиа, фарсхæцджытæм протестон акциты саразынмæ æрсидтис.
Мелиайы ныхæстæм гæсгæ «Иууон националон Змæлд» архайыны уæлрадон режиммæ хизы æмæ Гуырдзыстонæн скуыддзаггæнæг тох райдайы.
«Сидын алы патриотмæ, Гуырдзыстоны алы æмбæстагмæ, кæмæндæриддæр Гуырдзыстоны сæрибардзинады идеалтæ зынаргъ сты, рацæуа сом 2 сахатыл метростанцæ «Руставелийы» цурмæ æмæ хайад райсой манифестацийы. «Иууон Националон Змæлд» райдайы скуыддзаггæнæг тох, Гуырдзыстоны фервæзынкæнынæн æмæ ацы минутæй хизы архайыны уæлрадон режиммæ. Хицауад, олигархион хицауы хуызæй, гуырдзиаг адæмимæ быцæудзинадмæ рахызт. Сом æнхъæлмæ кæсæм алкæмæ, кæмæндæриддæр Гуырдзыстоны фидæн у зынаргъ, афтæдæр нæ бæстæйы суверенитет, сæрибардзинад æмæ хæдбардзинад» – расидтис Ника Мелиа.