Ника Мелиа Гуырдзиаг Бæллиццмæ æрсидтис, фæстæмæ айсæт амнистийы фæдыл законопроект
«Националон Змæлды» сæрдар Ника Мелиа сиды оппозицийы уыцы минæвæрттæм, кæцытæ къух бафыстой Европаг Советы президент Шарль Мишелы документыл.
Мелиа сæм æрсидтис, «ма райсæт хайад историйы ногæй рафыссыны худинаггаг архайды, кæцы 20 июны Гавриловы æхсæвы амнисти хуыйны».
«Нæдæр æз æмæ нæдæр исчи æндæр уый аргъ нæу, цæмæй антиоккупацион акцийы хуыдинаггагæй ныссæндæг, фыдгæнæг пъæлицæйæгтæн æмæ уыдонæн бардзырдтæ дæттæг уæнгтæн минималон шанс раттæм, сæхи аирвæрзын кæной рæстаг тасттæрхоны дзуаппæй.
Бæрæг у, цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц» ацы амнистийы ахæлиу кæндзæн алкæуыл æмæ алцæуыл, æмæ зæгъгæ сымах ма схъæлæс кодтат уымæн (цæуыл дæр дызæрдыг нæ кæнын), уæддæр дискредитацигонд уыдзыстут ацы процессы фæстæ. Разнаггад уын кæндзысты, разнаггад кæндзысты оппозицийы иудзинадæн æмæ разнаггад кæндзысты бæстæйæн. Хъыгагæн, гуырдзиаг адæмы цæстмæ, нысаниуæгджынæй разнаггад кæндзысты медиаторты æмæ сæ фæстæ чи лæууы – нæ сæйраг хæлæрттæ, уыдоны репутацийы», – фыссы Мелиа æмæ хуъсын кæны, цæмиæй ацы этапыл сеппæтæй нысаниуæгджын у оппозицийы иудзинад.
Уымæй уæлдай ма Ника Мелиа басидтис документыл къухбафыссæг «Гуырдзиаг Бæллиццмæ» дæр. «»Фæстæмæ айсут амнистийы фарста æмæ йæ сисут бонвæткæй. Кæд гæнæн нæй, амнисти баххæсса æрмæст а.х. Гавриловы протестанттæм, уæд бынтон ма хъуамæ уа амнисти. Фæстæмæ йæ айсут амнистийы закон æмæ ацы цауы æз, Ника Мелиа, мæхимæ исын бæрн, сразы уон Евроцæдисы бавдыст цъындыйыл æмæ афтæ рацæуон ахæстонæй», – фыссы Ника Мелиа.
Евроцæдисы медиацийæ, ист документ «Размæцыды фæндаг Гуырдзыстонæн» йæ хъуыдыйы дары парламенты амнистийы закон æркæсын, кæцы 2019 азы 19 -21 июны протесттимæ баст алыхуызæн фыдракæнд æмæ ахстмæ æххæссы.