Ника Мелиа  фарсхæцджытæм фæсидтис Руставелийы  проспектмæ бацæуынмæ
Ника Мелиа фарсхæцджытæм фæсидтис Руставелийы проспектмæ бацæуынмæ

«Националон Змæлды» Тбилисы мэртæм кандидат Ника Мелиа, æрсидтис фарсхæцджытæм, абон Руставелийы проспектмæ рацæуынмæ. Уый фæдыл Мелиа райхъусын кодта брифнгы рæстæджы. Йæ ныхæстæм гæсгæ, тох знон нæ фæцис, флæ зæгъæн ис цæмæй раст знон райдыдта.
Ника Мелиа куыд банысан кодта афтæмæй, иунæг хиуарзаг Гуырдзыстоны æмбæстаг дæр нæ хъавы ай æппæтимæ бафидауын.
«Зноны иттæг вазыгджын боны фæстæ, æвзæрстытæ тоталонæй фæмæнг сты. Куы дзурын цæмæй тоталон фальсификаци уыд, уæд хъуамæ мæ хъуыдыйы дарон уый, цæмæй тоталонæй æвзæрстытæ ногæй рафыстой, манипуляциты фæрцы цифрæтæ, проценттæ фæивдтой. Тоталонæй фальсификацигонд æвзæрстытæ нæ фæлæ, ай уыдис тотатлон тыхмидзинады фоныл уагъд æвзæрстытæ, кæцыйы рæстæджы сæ цæсгом цы бахъæцыд уыдæттæй иу уыд фальсификаци. Ноджы ма бирæ цыдæр баууæндыдсты.
Фæнды мæ стыр бузныг зæгъын зноны сæруæлдайдзинады æмæ фарсхæцыны тыххæй, знон тох нæ фæцис, знон райдыдтам æмæ цæй зæгъын æй хъæуы нæ хаъвæм, иуунæг хицуарзаг æмбæстаг дæр, ай æппæтимæ нæ бафидаудзæн æмæ хъавы тынг фидар, æнæфæцудгæйæ тох кæнын сабырадон формæтæй. Уый тыххæй цæмæй конкретон план базонын кæнæм, абоны изæры 19:00 сахатыл уæм æнхъæлмæ кæсæм Руставелийы проспектыл, парламенты цур, цæмæй конкретон планы фæдыл нæ кæрæдзиимæ аныхас кæнæм. Макæмæ уæд иллюзи цæмæй фальсификацигонд, тыхон, æфхæрæн амæлттæй дадвд æвзæрстытæ кæцыфæнды хицауадæн батайдзæнис. Уый тыххæй уæм æнхъæлмæ кæсын, Тбилисæгтæ» – райхъусын кодта Ника Мелиа.