Ника Гварамиа – Рамзан Кадыровы заказæй пълан кодтой ацы бæстæйы журналистикæйы, ацы бæстæйы зынгæ гоймаг æмæ фигурæ, Гиорги Габуниайы ликвидаци
Телекомпани «Мтаварийы» генералон директор Ника Гварамиа хъусын кæны, цæмæй журналист Гиорги Габуниайы ликвидаци, пълангонд уыд Цæцæны президент Рамзан Кадыровы заказæй.
«Гуырдзыстоны контр-террористон куыст æрцахста Уæрæсейы æмбæстагы, Мæхъæлы гуырд Васамбек Бадрийы фырт Бокоевы. Гуырдзыстоны хицауадæн Украинайы барадхъахъхъæнджыты фæрцы бæрæг ссис, цæмæй уый хъавыд Гиорги Габуниайы, «Мтавари Архи»-йы, ацы бæстæйы журналистикæйы æмæ æнææрмæст журналистикæйы, ацы бæстæйы зынгæ гоймагы, сгуыхт фигурæйы, æмбæстагы ликвидаци скæнын Цæцæны лидер Рамзан Кадыровы заказæй» – банысан кодта Гварамиа.
Ника Гварамиа ацы факты сбаста, Гиорги Габуниа «Рустави2»-ы эфиры президент Путины æмæ Кадыровы тыхæхй цы фидиуæнтæ сарызта уыдонимæ. Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъæг фæдагуырд райдыдта Украинайы территорийыл.
«Гуырдзыстоны хицауад ацы информацийыл серьозон цæстæй нæ бакаст. Банымадта йæ Украина стыр гуырдзиаг лоббийы провокацийыл. Æнæкæсгæ уымæ уæддæр фæтынгдæр кодта контроль Гиорги Габуниайы змæлдыл æмæ уый цæй зæгъын æй хъæуы хорз у. Эмоцитæй зын у уый бамбарын, цæмй нырид цалдæр мæй у, телеуынынады иуæй-иу сæйраг цæсгом æмæ мæ хæдивæг лæууы удæн тасы раз, ацы рæстæджы Дунейæ номыр фыццаг террористы, Владимир Путины сæйраг террористон æнцойы, Кадыровы заказæй» – райхъусын кодта Ника Гварамиа.