Ника Гварамиа хъусын кæны, цæмæй Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр æвæрццаг у
Гуырдзыстоны раздæры президенты Михеил Саакашвилийы адвокат Ника Гварамиа хъусын кæны, цæмæй Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр æвæрццаг у æмæ ницы уадиссаг ивддзинæдтæ фæфиппайдта.
Уыимæ иумæ Ника Гварамиа Михеил Саакашвилийы фидиуæн бакастис, кæцыйы мидæш дзырдæуы, цæмæй хъусдард ныр æвзæрстытæм хъуамæ уа.
«Мæ хæлæрттæ, курын уæ, ныр æвзæрстытæ ис æмæ æнæхъæнæй хъусдард хъуамæ уа ацы æрдæм. Ныр нигилизмы тауын æвзæрстыты дыккаг турмæ гæсгæ, уый нымæцы мæныл сагъæсы мотивацийæ, Гуырдзыстоны знаджы комкоммæ интерес у. Бæстæ хъуамæ фæивæм бирæ методæй. Уый нымæцы сæйраг у æвзæрстытыл уæлахиздзинад рарæдувын. Мæхи æрдгæй алцыппæт саразыдзынæн, цæмæй нæхæргæ протесты адарддæры цауы дæр, удæгас уон 30 октябры онг æмæ развæлгъау мæныл хъынцъымы бæсты ныр хуыздæр у уæхи 30 октябрмæ æрцæттæ кæнат æмæ иумæ банысан кæнæм уæлахиздзинад» – банысангонд у Михеил Саакашвилийы фыстæджы, кæцыйы бакастис Ника Гварамиа.
Гуырдзыстоны раздæры президенты сæрмагонд дохтыр Николоз Хъипшидзе знон райхъусын кодта, цæмæй Михеил Саакашвилийы æнæниздзинад фæфыддæрдæри. Дохтыры фидиуæны фæстæ, Руставы 12-æм пенитенцион уагдоны цур Саакашвилийы фарсхæцæн акци ацыд.
Фæстæдæр, информаци ахæлиу кодта специалон пенитенцион куыст дæр, кæцымæ гæсгæ дæр, Михеил Саакашвилийы æнæниздзинады уавæр æвæрццаг у æмæ раст нæу информаци, цæмæй йæ æнæниздзинад фæфыддæрдæри.