Нидерландтæ Гуырдзыстонæн, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинæйæн æфсæддон æххуысы хуызæй  уæлæмхас аст милуан евро  рауæлдай кæндзæн
Нидерландтæ Гуырдзыстонæн, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинæйæн æфсæддон æххуысы хуызæй уæлæмхас аст милуан евро рауæлдай кæндзæн

Нидерландтæ Гуырдзсытонæн, Молдовæ æмæ Босни-Герцоговинæйæн  æфсæддон  æххуысы  хуызæй  уæлæмхасæй   аст милуан  евро рауæлдай кæндзæн, – уый фæдыл   Нидерландты  фæсарæн хъуыддæгты министр, Вопке Хукстра  «Дн Тегераафимæ» интегрвьюйы  райхъусн кодта.

Аст милуан евро  хъахъхъæнынады сферæйы  райрæзты  фондмæ уыдзæн æрвыст æмæ æнæпилот тæхæн  аппаратты ныхмæ  хæцынæн,  хæстон  æрмæджыты æвæрæны хъахъхъæдад стынг кæнынæн æмæ кибербырстытæн фæразондзинад стынг кæнын  бахардз уыдзæн.

Нидерландты  фæсарæн хъуыддæгты министр куыд райхъусын кодта афтæмæй, абон  уæвæг   æнæстабилон  уавæры, нысаниуæгджын у  НАТО-ы  æмгуыстады  стынг кæнын  Хурыскæсæн  Европæйы  бæстæтимæ.  Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ, Уæрæсе архайы,  йæхи фæтъысса  Гуырдзыстоны, Молдовæйы æмæ Босни-Герцоговинæйы  мидхъуыддæгты.

«æрмæст иумæ лæуугæйæ  у нæ бон   раттæм  фидар  æмæ æууæнкаг  гаранти Уæрæсейы  агресси бауромынæн», –  райхъусын  кодта Вопке Хукстра.

«Телеграфы» хъусинагæй,  Нидерландты рауæлдайгонд  финансон æххуыс йæ  хъуыдыйы  нæ дары  леталон хæцæнгарзы  балхæд.