Немыцаг профессор Гвендолин Сассэс - Конфликтты аскуыддзаг у дæргъвæтин процесс, кæцы домы политикъон аууæлттæ саразын, куыд Мæскуыйы, афтæ Тбилис æмæ Киевы
Германийы президент Штайнмайеры Гуырдзыстонмæ официалон визиты размæ, Гуырдызстоны Фццаг Къанал фæныхас кодта Берлины Хурыскæсæн европæйы æмæ æхсæнадæмон иртастыты центры директоримæ, профессор Гвендолин Сассэсимæ, кæцы радзырдта Штайнмайеры формулæйыл Украинайæн. Немыцаг профессоры æмбарынгæнæнмæ гæсгæйæ, Украиниайы хицауад, Германийы æрдгæй бацæугæ планимæ куы сразы ис, уый нысан кæны, æмæ ранæуæг уыдзæн а.х. «нормандиаг форматы» бадзырдтæ. Афтæдæр йæ хъуыдымæ гæсгæ, Германийы президенты Гуырдызстонмæ визиты сæйраг темæ, Гуырдзыстоны конфликтты аскуыддзаг нæ уыдзæн, фæлæ, æнхъæлцау, ацы фарстатыл ныхас æнæмæнгæй уыдзæн.
«Нысаниуæгджын у цææмй Украинайы æмæ Гуырдзыстоны ситуаци кæрæдзийы æнгæсыл æгæр ма банымайæм. Æмтгæй райсгæйæ æнæдæр æмæ æндæр конфликттæн бирæ иумæйаг вæййы. Зæгъæн ис уа даууаг территориты рæстæгмæ статус. Фæлæ Тбилис æмæ Мæскуыйы æхсæн ахастытæ фæстæмæ мигъджын сты. Уыцы рæстæджы Украинайы хæсты тæвд фаза кæронмæ бакæнын, арæнты кантролыл æмæ æфсæдды ракондыл ныхас кæнæм. Гуырдзыстоны уæвæг ситуаци та нын æвдисы, цæмæй хæсты фæудæй стыр рæстæг фæстæ дæр проблемæ никуыдæм цæуы æмæ уымæй бæрæг у, куыд дæргъвæтин сты ахæм конфликттæ. Уый æппæт зæрдыл даргæйæ, фæнды «Штайнмайеры формулаимæ» Украинайы разыдзинады фæстæ кæнæ нормандиаг форматы радон раундыл, ма хъуамæ æнхъæлмæ кæсæм Украинайы конфликты цырд аскуыддзагмæ.
Ай у дæргъвæтин процесс, кæцы домы политикон аууæлттæ саразын куыд Мæскуыйы, афтæ Тбилисы æмæ Киевы»- райхъусын кодта Гвендолин Сассэс.
Бакой уын кæндзыстæм, Германийы раздæры фæсарæн хъуыддæгты министр кæцы ныр Германийы президенты пост ахсы, абон æрцæуы Гуырдзыстонмæ официалон визитæй.