Немыцаг профессор Гвендолин Сассэс -  Конфликтты аскуыддзаг у дæргъвæтин процесс,  кæцы  домы политикъон аууæлттæ саразын, куыд Мæскуыйы, афтæ Тбилис æмæ Киевы
Немыцаг профессор Гвендолин Сассэс - Конфликтты аскуыддзаг у дæргъвæтин процесс, кæцы домы политикъон аууæлттæ саразын, куыд Мæскуыйы, афтæ Тбилис æмæ Киевы

Германийы президент Штайнмайеры  Гуырдзыстонмæ официалон визиты размæ,  Гуырдызстоны  Фццаг Къанал фæныхас  кодта   Берлины Хурыскæсæн европæйы  æмæ æхсæнадæмон  иртастыты центры директоримæ, профессор  Гвендолин Сассэсимæ, кæцы радзырдта  Штайнмайеры  формулæйыл Украинайæн. Немыцаг профессоры  æмбарынгæнæнмæ  гæсгæйæ, Украиниайы  хицауад,  Германийы æрдгæй бацæугæ планимæ   куы сразы ис, уый  нысан кæны, æмæ ранæуæг уыдзæн а.х. «нормандиаг форматы»  бадзырдтæ.  Афтæдæр йæ  хъуыдымæ гæсгæ,  Германийы президенты  Гуырдызстонмæ визиты сæйраг темæ, Гуырдзыстоны конфликтты аскуыддзаг нæ уыдзæн, фæлæ, æнхъæлцау, ацы  фарстатыл  ныхас æнæмæнгæй  уыдзæн.

«Нысаниуæгджын у цææмй  Украинайы  æмæ Гуырдзыстоны  ситуаци кæрæдзийы æнгæсыл  æгæр  ма  банымайæм. Æмтгæй райсгæйæ  æнæдæр æмæ æндæр конфликттæн бирæ  иумæйаг  вæййы. Зæгъæн ис  уа даууаг территориты  рæстæгмæ  статус. Фæлæ   Тбилис æмæ  Мæскуыйы æхсæн  ахастытæ фæстæмæ  мигъджын сты. Уыцы  рæстæджы Украинайы  хæсты  тæвд фаза кæронмæ бакæнын,  арæнты кантролыл æмæ æфсæдды  ракондыл ныхас  кæнæм. Гуырдзыстоны уæвæг  ситуаци  та  нын  æвдисы,  цæмæй  хæсты  фæудæй  стыр рæстæг фæстæ дæр  проблемæ  никуыдæм цæуы æмæ  уымæй  бæрæг у,  куыд  дæргъвæтин сты  ахæм конфликттæ. Уый æппæт  зæрдыл даргæйæ, фæнды  «Штайнмайеры формулаимæ» Украинайы  разыдзинады фæстæ  кæнæ нормандиаг  форматы радон  раундыл, ма хъуамæ  æнхъæлмæ кæсæм  Украинайы  конфликты  цырд  аскуыддзагмæ.

Ай  у  дæргъвæтин процесс, кæцы  домы  политикон  аууæлттæ  саразын куыд Мæскуыйы, афтæ  Тбилисы æмæ Киевы»- райхъусын кодта Гвендолин Сассэс.

Бакой уын кæндзыстæм,  Германийы раздæры фæсарæн хъуыддæгты  министр   кæцы  ныр   Германийы президенты пост ахсы,  абон  æрцæуы  Гуырдзыстонмæ  официалон  визитæй.