«Нейшнл Джеографик Тревеллер Фуд» - гуырдзиаг хæринæгтимæ зонгæ кæнын райдайут ачъарайаг хæбизджынæй
«Батум – ароматты фынг» – ахæм сæргондæй стати публикаци кæны поопулярон мыхуыры рауагъдад «NATIONAL GEOGRAPHIC TRAVELLER FOOD». Информацийы ахæлиу кодта Ачъарайы Автономион Республикæйы туризмы æмæ курортты департамент.
Статийы автор, бритайнаг кæсджытæн амоны, бирæгъуызон гуырдзиаг хæринæгтæм зонгæ кæнын ачъарайаг хæбизджынæй, Батумæй райдаын.
Британийы акæнæг мыхуыр рауагъдад кулинарон гиды функций æххæст кæны. Рауагъдад радзуры дунейы æндæр æмæ æндæр рæтты хæринæгты ады тыххæй, кæцытимæ иумæ публикаци кæны къамтæ æмæ рецепттæ. Гуырдзиаг хæринæгты фæдыл рауагъдады фыссынц, цæмæй ныр зæгъгæ популярондзинады зениты сты æмæ сæ басгарынæн сегасдæр хуыздæр ран у Гуырдзыстон.
«Гуырдзиаг хæринæгтæ ныр популярондзинады тæккæ зениты сты æмæ сæ цæмæй ссарай, уымæн сегасдæр хуыздæр бынат у бæстæ йæхæдæг. Европæ æмæ Азийы алвæндагыл лæууæг, Гуырдзыстон, иу афоны Зæлдаг фæндаджы дæргъмæ уыдис, кæцы уый амонæг уыд æмæ дунейы æндæр æмæ æндæр рæттæй æрцæугæ базаргæнджытæ, Гуырдзыстоны горæттæм иу ластой бирæгъуызон цыбæлгæнæг хъацæнтæ, кæцытæ сæхи æрдгæй хайбавæрд кодтой ардыгон кулинарийы. Гуырдзиаг кулинарийы комплексондзинад æмæ бирæгъуызондзинад банымадта, «ныры онг æнæзонгæ, иуæй-иу сегасдæр хуыздæр хæлцады культурæ Европæйы», даниаг шефы, дыууæ Мишелины стъалыйы хицау «Номайы» æмхайджын Рене Редзеп. Ацы хæринæгтæ бонджын сты фыдæй, цыхтджын хыссæйæ конд хæринæгтæй, бирæгъуызон доджын хæринæгтæй, кæцыты æмдзыгуырæй у конд гуырдзиаг фынг. Йæ акæнæг та у тамада. Фынгыл сæн, афтæ куыд националон кулинарийы централон бынат ахсы:Гуырдзыстоны 8000 азы размæйон сæны æлыгæй мигæнæнтæ ссарыны фæстиуæгæн, бæстæ, дунейы сегасдæр рагон сæндуцынады нацийы титул райста. Сæндуцынады сценæ ныр хæрдмæцыд кæны, æрдзон сæндуцынад сæндидзын кæныны фæрцы» – дзырдæуы статийы, кæцыйы Ачъарайы Автономион Республикæйы туризмы æмæ курортты департамент ахæлиу кодта.