НАТО-ы коммюникæ – Йæ фарсхæцæг стæм Бухаресты саммиты уынаффæйæн, ома Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг
НАТО-ы коммюникæ – Йæ фарсхæцæг стæм Бухаресты саммиты уынаффæйæн, ома Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг

Ноджы иу  хатт  æвдисæм фарсхæцын  2008 азы  Бухаресты  саммитыл  ист уынаффæйæн, ома Гуырдзыстон  суыдзæн альянсы уæнг, уæнгдзинадæн хъæугæ  архайадон планæй – уый фæдыл дзырдæуы  НАТО-йы  саммиты  фæстæ публикацигонд  хатдзæгон документ – коммюникæйы.

Уыимæ иумæ,  документы банысангонд, цæмæй  æнæцудгæйæ  йе фарс  хæцынц Гуырдзыстоны барæн, йæхæдæг сывзара сæрмагонд фидæн  æмæ æддагон политикæйы  курс  æддæйæ  хифæкæндæй  уæгъд.

«Ноджы иу  хатт æвдисæм фарсхæцын  2008 азы  Бухаресты  саммитыл  ист уынаффæйæн, ома Гуырдзыстон  суыдзæн альянсы уæнг, уæнгдзинадæн хъæугæ  архайадон планæй, куыд  процессы  æнæдихаг хай.  Ноджы иу  хатт  бæлвырд кæнæм  ацы уынаффæйы алы элемент, афтæ куыд   уый фæдылдзог уынаффæтæ, сæ нымæцы  уый цæмæй  фæйнæ партнерæн  аргълæвæрд уыдзæн се’ сгуыхтдзинадмæ гæсгæйæ.

Æнæцудгæйæ йе фарс  хæцæм  Гуырдзыстоны барæн, йæхæдæг сывзара сæрмагонд фидæн  æмæ æддагон политикæйы  курс  æддæйæ  хифæкæндæй  уæгъд.

Фæтынггонд фæрæзтæ кæмæн ис ахæм партнермæ куыд æмбæлы афтæ Гуырдзыстон æнгом æмкуыст кæны  альянсимæ, фарстæты  уæрæх спектры.  Аргъ кæнæм  Гуырдзыстоны егъау хайбавæрдæн НАТО-ы операциты, кæцы æвдисы  йæ  иузæрдыгдзинад æмæ  фадæттæ, къухацараза евро-атлантикон  æдасдзинадæн.

Райæм  фæстагрæстæгон политикон  фидыдæй  «Гуырдзыстоны размæцыды  фæндаг»  æмæ разы  стæм  йæ кæронмæ сыххæстимæ алы фарсы æрдгæй.

Ацы бадзырд  фегом кæндзæн фæндаг  нысаниуæгджын реформæтæн, кæцытæ баххуыс уыдзысты  Гуырдзыстонæн, аспирант бæстæйæн, уæнгæй суæвынмæ цæттæдзинады  прогрессы.  НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы æмæ æрвылазон  националон программæ æххæстæй пайдакæныны,  политикон диалогы  æмæ æмгуыстад фæарфдæр кæныны иузæрдыг стæм» – дзырдæуы  коммюникæйы.