НАТО-ы коммюникæ – Йæ фарсхæцæг стæм Бухаресты саммиты уынаффæйæн, ома Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг
Ноджы иу хатт æвдисæм фарсхæцын 2008 азы Бухаресты саммитыл ист уынаффæйæн, ома Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг, уæнгдзинадæн хъæугæ архайадон планæй – уый фæдыл дзырдæуы НАТО-йы саммиты фæстæ публикацигонд хатдзæгон документ – коммюникæйы.
Уыимæ иумæ, документы банысангонд, цæмæй æнæцудгæйæ йе фарс хæцынц Гуырдзыстоны барæн, йæхæдæг сывзара сæрмагонд фидæн æмæ æддагон политикæйы курс æддæйæ хифæкæндæй уæгъд.
«Ноджы иу хатт æвдисæм фарсхæцын 2008 азы Бухаресты саммитыл ист уынаффæйæн, ома Гуырдзыстон суыдзæн альянсы уæнг, уæнгдзинадæн хъæугæ архайадон планæй, куыд процессы æнæдихаг хай. Ноджы иу хатт бæлвырд кæнæм ацы уынаффæйы алы элемент, афтæ куыд уый фæдылдзог уынаффæтæ, сæ нымæцы уый цæмæй фæйнæ партнерæн аргълæвæрд уыдзæн се’ сгуыхтдзинадмæ гæсгæйæ.
Æнæцудгæйæ йе фарс хæцæм Гуырдзыстоны барæн, йæхæдæг сывзара сæрмагонд фидæн æмæ æддагон политикæйы курс æддæйæ хифæкæндæй уæгъд.
Фæтынггонд фæрæзтæ кæмæн ис ахæм партнермæ куыд æмбæлы афтæ Гуырдзыстон æнгом æмкуыст кæны альянсимæ, фарстæты уæрæх спектры. Аргъ кæнæм Гуырдзыстоны егъау хайбавæрдæн НАТО-ы операциты, кæцы æвдисы йæ иузæрдыгдзинад æмæ фадæттæ, къухацараза евро-атлантикон æдасдзинадæн.
Райæм фæстагрæстæгон политикон фидыдæй «Гуырдзыстоны размæцыды фæндаг» æмæ разы стæм йæ кæронмæ сыххæстимæ алы фарсы æрдгæй.
Ацы бадзырд фегом кæндзæн фæндаг нысаниуæгджын реформæтæн, кæцытæ баххуыс уыдзысты Гуырдзыстонæн, аспирант бæстæйæн, уæнгæй суæвынмæ цæттæдзинады прогрессы. НАТО-Гуырдзыстоны комиссийы æмæ æрвылазон националон программæ æххæстæй пайдакæныны, политикон диалогы æмæ æмгуыстад фæарфдæр кæныны иузæрдыг стæм» – дзырдæуы коммюникæйы.