НАТО-ы экспертты къорды хыгъдлæвæрд – НАТО хъуамæ тырнид, Украина æмæ Гуырдзыстонимæ партнерад ауæрæх кæнынмæ, кæцытæ Уæрæсейæ идадзыг æддæ æмæ мид æлхъывды бын сты
НАТО хъуамæ тырнид партнерад ауæрæх кæнын æмæ фæтынг кæнынмæ Украина æмæ Гуырдзыстонимæ, куыд нырма рæзгæ демократитимæ, кæцытæ тырнынц уæнгдзинадимæ æмæ Уæрæсейы æрдгæй иудадзыг æддæ æмæ мид æлхъывды бын сты. Уый фæдыл дзырдæуы НАТО-йы экспертты специалон къорды хыгъдлæвæрды, кæцы альянсы 2030 азы онг фидæнмæ æххæссы. Хыгъдлæвæрд публикацигонд у НАТО-йы официалон веб-фарсыл.
Экспертты бакуыст документы афтæдæр банысангонд у, цæмæй альянсы гом дуары политикæ фæактивон кæнын хъæуы.
«НАТО-йы гом дуары политикæ фæактивон кæнын хъæуы, НАТО хъуамæ ауæрæхдæр кæна æмæ фæтынг кæнын партнерад Украина æмæ Гуырдзыстонимæ, тырна фыдæр бастдзинадмæ Босниа-Герцоговинаимæ æмæ йæ ныхмæ лæууæ ныгуылæн балканты дистебилизацийæн», – дзырдæуы хыгъдлæвæрды.
Экспертты хъуыдымæ гæсгæ, Уæрæсейы агресси Гуырдзытон æмæ Украинайы ныхмæ, афтæма Уæрæсейы æфсæддон активондзинæдтæ Балтийы æмæ Сау Денджызы регионты, хурыскæсæн Зæххастæу Денджызы, Балтийы регионы æмæ каройнаг цæгат хайы, æппæрццагæй фæзындит евроатлантикон зонайы æдасдзинадыл.
НАТО-йы веб-фарсыл куыд у банысангонд, афтæмæй, экспертты хыгъдлæвæрд уыдзæн иуæй-иу цæуыл æнцой уыдзæн генералон нымæрдар, НАТО-ы 2030 азы программæмæ гæсгæ лидертæн инициативæтæ куы базонын кæндзæн.