НАТО-ы цæгат-атлантикон советы рабадт абон ацæудзæн Гуырдзыстон æмæ Украинайы æмхайадистæй
Ригайы, НАТО-ы фæсарæн хъуыддæгты министериалы дыккаг боны мадзæлттæм баиу уыдзысты Гуырдзыстон æмæ Украина.
Цæгат-атлантикон советы рабадты, кæцыйæн къухдариуæг кæны НАТО-ы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг, хайад райсдзæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Давит Залкалиани æмæ Украинайы фæсарæн хъуыддæгты министр Дмитри Кулеба. Рабадт байгомы рæстæджы плангонд у НАТО-ы генералон нымæрдары фидиуæн.
Альянсы аспирант Гуырдзыстон æмæ Украина НАТО-ы Ригайы министериалмæ ивгъуыд къуырийы фæхуыдтой. Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр, вице-премьер Давит Залкалиани «NAC»-ы рабадты хайад райстæй уæлдай ма , Ригайы дыууæфарсон фембæлдтæ ауадздзæн Венгрийы фæсарæн хъуыддæгты æмæ базарады министримæ, Питер Сийяртоимæ. Министртæ къух бафысдзысты кæрæдзимбарынады меморандумыл Венгри æмæ Гуырдзыстоны дипломатон академиты æхсæн æмгуыстады фæдыл.