НАТО-ы Британийы минæвар - нæбыхсгæйæ æнхъæлмæ кæсæм, цæмæй Гуырдзыстон суыдзæн НАТО-йы уæнг, уæдмæ та нæ фæнды Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æхсæн фылдæр практикон æмгуыстад
Нæбыхсгæйæ æнъæлмæ кæсæм, цæмæй Гуырдзыстон суа НАТО-йы уæнг æмæ æмцæдисон фидæны. Уæдмæ та нæ фæнды Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æхсæн фылдæр практикон æмкуысткæнынад, – уый фæдыл НАТО-йы Иугонд Паддзахады минæвар Девид Куэр фехъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ ныр дунейы тынг вазыгджын уавæр ис æмæ Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æхсæн партнерад ноджы нысаниуæгджындæр уыдзæн фидæн азты дæргъы.
«Британи нæу Евроцæдисы уæнг æмæ процессы хайад нæ исы, фæлæ фидар йæ фарсдарæм демократийæн æмæ æмбæстагонд дзыллæйæн Гуырдзыстоны, куыд æндæр рæтты афтæ. Фидар æмбæстагон дзыллæ у цыфæнды демократийы нысаниуæгджын хай. Алы æхсæнадæн хæъуы реформæтæ æмæ нысаниуæгджын у реформæты сыххæст кæнын НАТО-йы уæнгсуæынæн. Растдæр уый тыххæй ныхас кæнæм Гуырдзыстонмæ визиты рæстæджы, цæмæй куыд бакусæм ноджы хæстæгдæр иумæ, цæмæй Гуырдзыстонæн йæ бон бауа НАТО-йы уæнгæй суæвын», – райхъусын кодта Девид Куэр.