НАТО-ы атомон тыхты ахуыртæ абон райдайдзæн

10:29, 17.10.2022

НАТО-йы  атомон тыхты ахуыртæ  абон райдайдзæн.  Ахуырты номхуындæй «Хъæддых сихорафон» 14 бæстæ, сæ нымæцы  АИШ дæр райсдзæн хайад.

«CNN»-ы информацийæ, ахуырты рæстæджы спайда кæндзысты  хæдтæхджытæй, кæцытæн сæ бон у атомон  хæстфæрæзтæ  ласын.

Ахуыртæм баиу уыдзæн 60  хæдтæхæг. Сæ нымæцы  æфсæддон  бомбæкалджытæ,   рагысгарæг хæдтæхджытæ  æмæ  артагæй  ифтонгадæн  хъæугæ  авиаци.

Тахтытæ  плангонд сты  Бельгийы, Стыр Британийы æмæ Цæгаты Денджызы  уæлдæфон тыгъдадты.

Ахуыртæн сæ нысан у НАТО-ы  бæстæты  атомон   уормынхъомады  фæрæзтæ  уа  эффективон, æдас æмæ  æууæнкаг.

Параллелонæй  атомон   тыхты  ахуыртæм цæттæ кæны  Уæрæсе дæр. Ахуыртæ октябры  кæронмæ  хъуамæ ацæуа.

Хуыздæр