НАТО-йы министериалыл Македонийы, Босни-Герцоговинæйы æмæ Гуырдзыстоны прогрессы фæдыл фæныхас кæндзысты
НАТО-йы министериалыл Македонийы, Босни-Герцоговинæйы æмæ Гуырдзыстоны прогрессы фæдыл фæныхас кæндзыстæм. Уый фæдыл НАТО-ы генералон нымæрдар , Брюсселы уагъд пресс-конференцийыл райхъусын кодта.
Йенс Столтенбергы ныхæстæм гæсгæ, æддæ хъуыддæгты министрты фембæлдыл, ныхас уыдзæн НАТО-ы гом дуары политикæйы æмæ министртæ Украинæйы евро-атлантикон тырнынадтыл фæуынаффæ кæндзысты.
«Алы паддзахадмæ ис бар, сæрмагонд фæндаг хæд барæй сæвзара. Уый æххæссы æдасдзинады фарстытæм дæр» – загъта Столтенберг.
Брюсселы альнсы æддæ хъуыддæгты мнистрты фембæлд НАТО-ы министериалмæ бацæттæгæнæн этап у. Фембæлдыл ныхас аххæсдзæн Уæрæсейы цæугæ тасы, Æввахс Скæсæны æмæ Афгъанистаны проблемæтæм.
Министериал Ныгуылæн Балканты паддзахадты минæвар министртимæ фембæлдæй фæуыдзæн.