НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ   аргълæвæрды  центры цæстдарæг-контролгæнджыты  æхсæнадæмон  курс фæцис
НАТО-Гуырдзыстоны ахуырты æмæ аргълæвæрды центры цæстдарæг-контролгæнджыты æхсæнадæмон курс фæцис

НАТО-Гуырдзыстоны   ахуырты æмæ  аргълæвæрды  центры  (JTEC) цæстдарæг –контролгæнджыты  (IOCT) æхсæнадæмон   курс фæцис.

Ахуырты  хайаж  фондз бæстæйы  16  минæвар иста хайад.  Теорион æмæ практикон   ахуыртæ  JTEC-ы æмæ Нориойы  ахуырадон  ареалы  ацыдысты.

Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады информацийæ,   ахуырдзаутæ  цæстдарæг-ктнтролгæнджыты   функцитæ æмæ  хæстæ, афтæма  оперативон   уавæрты ивды  æмæ   архæйдыты  дарддæры  афæлгæсты  ауадзысты  методтимæ æрзонгæ сты.  Æфсæддæттæ   къурсы  практикон   хай Нориойы  сыххæст кодтой, цы ран  хъусджытæн уыдис фадат  цы   фæлтæрдтæ  райстой  уыдонæй  практикæйы сфæлхас кæнын.

Хъахъхъæныналы  министрады куыд  банысан кодтой,  курсы  фæуды фæстæ,  хъусджытæн сæ бон уыдзæн   НАТО-йы   стандарттæм  æмбæлгæйæ  сыххæст кæной тактикон  æмвæзады  хайадтыл цæстдард æмæ  ахуыр-аргълæвæрд.

Ахуыртæн  гуырдзиаг инструктортимæ иумæ  къухдариуæг кодтой лиетувæйаг  офицертæ. JTEC-ы хъусджытæн  курсы æнтыстджынæй  фæуын   НАТО-Гуырдзыстоны   ахуырты æмæ аргълæвæрды  иумæйаг центры  хистæр, булкон  Давит Гагуа  раарфæ кодта. Курсфæудгондтæм лæвæрд уыд æмбæлгæ  сертификаттæ.