НАТО-Гуырдзыстон-Украинæйы камисы рабадтыл фæныхас кодтой Гуырдзыстонæн МАР раттыны фарстайыл
Гуырдзыстонæн МАР-ы (уæнгдзинады архайадон планы) раттыны фарстайыл абоны фембæлдыл фæныхас кодтам – ацы фидиуæн НАТО-ы генералон нымæрдар НАТО-Гуырдзыстон-Украинæйы камисы иумæйаг рабадты фæуды фæстæ, пресс-кофнеренцийыл журналисты фарсты дзуаппæн сарызта.
Фембæлдыл Гуырдзыстонæн уæнгдзинады архайадон планы раттыны фарста рахæцыдысты размæ æмæ фæсарæн хъуыддæгты министртæм уыдис хъуыды. Уый тыххæй ацы фарстайыл дзуапп раттыны бар сын ратдзынæн уыдонæн. Мæнæн мæ бон у зæгъын цæмæй йæ фарс хæцæм Гуырдзыстон НАТО-йы уæнгсуæвынæн. НАТО Гуырдзыстонæн æххуыс кæны реформæты сæххæсты æмæ гарзджын тыхты модернизацийы» – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.
Абоны пресс-конференцийыл НАТО-ы генералон нымæрдар ноджы иу хатт бафаудта Уæрæсейы æрдгæй Гуырдзыстоны регионты оккупаци æмæ æрсидтис Мæскуымæ акæна йæ фсад Гуырдызстоны территорийæ.
«Уæрæсейы агрессивон ахасты æмæ сыхæгты арæнтæн æнæцытлæвæрды дæнц у Гуырдзыстоны регионты , Абхазы æмæ «Хуссар Ирыстоны» Уæрæсейы æфсæддæтты уæвын. Уæрæсефæстæмæ хъуамæ ахæсса Гуырдзыстоны регионты зæдбар паддзахадтыл банымады уынаффæ æмæ акæна йæ æфсад Гуырдызстоны регионтæй. Мах æрныхас кодтам, цæмæй адарддæр кæндзыстæм къуындæг æмгуыстад, цæмæй æрцæттæ кæнæм Гуырдзыстон НАТО-ы уæнгсуæвынмæ. Мах ноджы иу хатт банымадтам Гуырдзыстоны æрдгæй сæххæст нысаниуæгджын реформæтæ. Афтæдæр бузныг загътам Гуырдзыстонæн Афгъанистаны миссийы контрибуцийы тыххæй» – райхъусын кодта Йенс Столтенберг.