Экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава Азербайджаны Республикæйы президент Ильхам Алиевимæ фембæлд.
Экономикæйы министрады информацийæ, фембæлдыл Натиа Турнава бузныг расидтис Азербайджаны лидерæн, хъарм райсты æмæ фарс рахæцыны тыххæй, кæцыйы Азербайджан æвдисы Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæндзинады банымады æрдгæй. Банысан ис цæмæй Азербайджан Гуырдзыстоны стратегион партнер æмæ æууæнкаг сыхаг у, уый тыххæй дæр Гуырдзыстон стыр хъусдард здахы дыууæфарсон ахастытæ фæстæдæр райрæзын кæныны æрдæм.
Ефмбæлдыл фæрстæ фæныхас кодтой регоины сабырад бахъахъхъæды нысаниуæгыл, кæцы æнæмæнгхъæугæ у бæстæты æххæстаргъджынæй райрæзын кæнын æмæ глобалон нысаниуæгы транспортон-энергетикон проектты релизацийæн. Бахахх ис Гуырдзыстон æмæ Азербайджаныл цæугæ транспортогн кæлидоры эффективондзинады æмæ конкурентхъомад сбæрзонддæр кæныны нысаниуæг, нæ бæстæты транзитон потенциалы популяризаци æхсæнадæмон æмвæзадыл æмæ ацы æрдгæй иумæйаг тыхархайд аддарддæр» – дзырдæуы экономикæйы министрады публикацигонд информацийы.
Фембæлдыл хъусдард здæхт æрцыд Гуырдзыстон æмæ Азербайджаны æхсæн базарадон экономикон æмкуысткæнынады бæрзонд хъæдыл. Азербайджан Гуырдзыстоны сæйраг базарадон партнер бæстæты æхсæн æртыккаг бынат ахсы 9% хайæ,афтæдæр 2018 азы бæрæггæнæнтæй ставддæр инвестор бæсæты æхсæн фыццаг бынатыл ис 19 процентджын хайæ. Афтæдæр бахахх ис æнтыстджын æмгуыстад туризмы къабазы. Ивгъуыд азы Азербайджанæй визиторты рæзт аххæссыд 9 процентмæ æмæ ацы бæрæггæнæнæй Азербайджан у лидер.
Натиа турнава хъусдард раздæхта цæугæ азы 22-23 октябры Тбилисы плангонд Зæлдаг Фæндаджы форумы æрдæм, кæцы ацы аз æртыккаг хатт ацæудзæн æмæ ныфс разагъдта, цæмæй Азербайджан фæнысангонд мадзалыл бæрзонд æвиæзадыл бавдыст уыдзæн.