Натиа Турнава - АИШ-Гуырдзыстоны сæрибар базарады фæдыл бадзырд уыдзæн политикон æмæ экономикон интересты арвистон, регион АИШ-ы экономикон интересты райрæзын кæныны бæрæг сигнал
Гуырдзыстоны экономикæ æмæ æнæфæцудгæ рæзынады министр Натиа Турнава АИШ-ы коммерцийы нымæрдары хæдивæг Джозеф Семсаримæ онлайн-фембæлд ауагъдта.
«Онлайн-фембæлды рæстæджы банысан ис, цæмæй АИШ Гуырдзыстонæн сегасдæр сæйраг стратегион партнер æмæ æмцæдисон бæстæ у æмæ азты дæргъы Гуырдзыстонæн цы феххуыс кодта æмæ цы проекттæ сæххæст кодта æндæр æмæ æндæр къабæзты, уыдон стыр хайбавæрд скодтой Гуырдзыстоны демокративон рæзынады æмæ сæрибар базарадон экономикæйæ скæныны фæндагыл», – банысангонд у экономикæйы министрады информацийы.
Министры фидиуæнæй, фембæлдыл ныхас уыд дыууæ бæстæйы æхсæн сæрибар базарады бадзырд бафыссыны нысаниуæгыл. Банысан ис, цæмæй Гуырдзыстоны фарсы инициативæйæ ацыд иртасæн, кæцымæ гæсгæ Гуырдзыстон æмæ АИШ-ы æхсæн сæрибар базарады бадзырд, дыууæдæр бæстæйæн уыдаит пайдаджын.
«Ис дзы специалон формат, кæцыйы фæлгæтты гæнæн ис, дарддæры диалог æмæ ныхас фидæны бадзырдыл. Нæ куырдиат уыд, кæцыйы тынг позитионæй райстой, цæмæй ацы процесс æнæкæсгæ глобалон пандемимæ, æцырддæр кæнæм æмæ йæ скусын кæнæм», – банысан кодта Натиа Турнава.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ АИШ-Гуырдзыстоны сæрибар базары фæдыл бадзырд уыдзæн политикон æмæ экономикон интересты хæццæ, афтæма регионы, АИШ-ы интересты райрæзын кæныны дырыс сигнал, кæцы ахъаззаг уыдзæн Гуырдзыстоны евро-атлантикон интеграцийы тырнынадтæн æмæ экономикон рæзынадæн, уый нымæцы базарады диверсификацийы домæнтæн.