Натиа Иоселиани – Марнеулы 69-æм æвзарæнон сыхы бæрæггæнæнтæ æнæрастæй расидтысты
Натиа Иоселиани – Марнеулы 69-æм æвзарæнон сыхы бæрæггæнæнтæ æнæрастæй расидтысты

Марнеулы 69-æм æвзарæнон сыхы бæрæггæнæнтæ æнæраст расидтысты – уый фæдыл ЦÆК-ы пресс-спикер Натиа Иоселиани расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, деталтæ кæцы субъект уыд уыцы адæймагы минæвар, кæцы бюллетентæ урнæмæ æрæвæрдта, фæстæдæр уыдзæн бæрæг.

«Марнеулы районон æвзарæн къамис Марнеулы бынатмæ ацыд æмæ факт сахуыр кодта. Æвзарæнон процесс 69-æм участокы урæд æрцыд. Районы æвзарæн къамис æвæстиатæй æрæмбырд кодта æмбырд æмæ банысангонд участочы бæрæггæнæнтæ нымад æрцыдысты æнæрастыл. Деталтæм та цы хауы, социалон хызæгтæй нæм ис информаци æмæ видеойы федтам, цæмæй снысангонд адæймаг æвзарæнон фадыджы уыд минæвары æвдисæндар. Фæстæдæр уын радзурдзынæн, кæцы организацийы минæвар уыд, уый тыххæй», — загъта Йоселиани.