«Napoli»-ы спортивон  директор – Кварацхелиайæн ис дæргъвæтин контракт æмæ  йæ пролонгаци нæ  план кæнæм#1TVSPORT
«Napoli»-ы спортивон директор – Кварацхелиайæн ис дæргъвæтин контракт æмæ йæ пролонгаци нæ план кæнæм#1TVSPORT

«Наполи»-ы  спортивон  директор, Кристиано  Джунтоли  райхъусын кодтам,  цæмæй   клуб  Хвича Кварацхелиаимæ ног контракт бафыссын  нæ  хъавы, уымæн æмæ йын   ис  контракт æмæ  йæ  агенттимæ та  ахастытæ  сты  æууæнкджын.

«Наполи»-ы спортивон директор   «Dazn»-иæм интервьюйы  трансферты тыххæй   ног хабæрттыфæдыл  цалдæр фарстæн ратта дзуапп æмæ Гуырдзыстоны æмбырдгонды  размæбырсæгимæ контракты  гæнæн  пролонгацийыл  фæныхас кодта.

Ацы рæстæгмæ Кварацхелиаимæ ног контракт бафыссын æнæмæнгхæъугæ  нæу. Æнæ уый дæр йын  дæргъвæтин котракт ис «Наполи»-имæ.  Уый æддæмæ ма нын тынг дзæбæхæ ахастытæ ис  йæ агенттимæ.  Уый тыххæй  мах  нæ тыхсæм. Ныр   фокусиргонд стæм  æрвылбойнон  хъуыддæгтыл æмæ фæстиуджытыл, нæ сæйраг  хъуыды у  чемпиондзинад», –  загъта  неаполæгты спортивон директор.

Ноябрæй  италиайаг  медиайы, хæлиу кодта   информаци, кæцымæ гæсгæ дæр Хвича Кварацхелиа  «Наполлимæ»  контракт   иу афæдзæй  хъуамæ адарддæр кодтаит, цæй дзуаппæн клуб йн йæ мызд  фæдывæр кодтаит.