Нациты Лигæ Гуырдзыстоны æмбырдгонд стыр хыгъдæй рамбылдта Чехийы #1TVSPORT
Нациты Лигæ Гуырдзыстоны æмбырдгонд стыр хыгъдæй рамбылдта Чехийы #1TVSPORT

Гуырдзыстоны æмбырдгонд Нациты Лигæйы ног хъазты Чехийы ныхмæ фыццаг матч сарæзта æмæ йæ стыр хыгъдæй фæуæлахиз кодта – 4:1.

Чехæгтæн 80-æм минутыл Лукаш Калвашы пурти фæкъаддæр кæнын бантыст. Фæлæ, уый ницы ахаста.

Европæйы чемпионаты чехтимæ фембæлд цыма хорз анализ кодта Вилли Саньол æмæ стыр хыгъдæй рамбылдта ныхмæлæууæджы, кæцы хъуыды кодта æрмæстдæр 3 очкойы райсыныл.

Гуырдзыстоны æмбырдгонд йæ радон матч Тиранайы ауадздзæн  10-æм сентябры Албанийы æмбырдгондимæ.