«Националон Змæлды» сæрдары бынатмæ кандидатæй Ника Мелиа æмæ Леван Варшаломидзейы бавдыстой
«Националон Змæлды» сæрдары бынатмæ кандидаттæй бавдыст уыдысты Ника Мелиа æмæ Леван Варшаломидзе. Кандидатты раразмæ кæныны фæдыл уынаффæ, партийы политикон советы рабадтыл сусæг халæппæрсты фæстиуæгæн рахастой.
Бавдыст кандидаттæй иуы сывзардзысты партийы æмбырдыл.
«Æввахс бонты, гæнæн ис мæйы кроæн уыдзæн æмбырд, кæцыйыл сбæлвырд уыдзæн, «Националон Змæлды» ног сæрдар. Æвзарыны хайад исдзæн дæсгай мин нæ фарсхæцæг, партийы уæнг æмæ уый æрцæудзæн электрононæй. Нæ фарсхæцджытæн иууылдæр уыдзæн фадат, фарс рахæцын уыдонæн фæндон кандидатæн электрононæй. Фыццаг хатт æвзарæм сæрдары афтæ. Политикон советыл бавдыст уыд цалдæр кандидат æмæ фæстагмæ фæбæрæг сты дыууæ. Адон сты Ника Мелиа æмæ Леван Варшаломидзе» – райхъусын кодта Заал Удумашвили.