«Националон Змæлды» политсоветы уынаффæйæ, фракци парламенты плангонд президенты импичменты  процессы  хайад нæ райсдзæн
«Националон Змæлды» политсоветы уынаффæйæ, фракци парламенты плангонд президенты импичменты процессы хайад нæ райсдзæн

«Иугонд Националон Змæлды»  политоветы уынаффæйæ,  фракци  парламенты  хайад нæ райсдзæн  импичменты  процессы, уый тыххæй, цæмæй  ацух уа  цыфæнды инсинуацитæ æмæ спекуляцитæ, – уый фæдыл райхъусын кодта  «Националон Змæлды»  уæнг, Тина Бокучава.

Йæ  дзырдæй  зæгъгæ, «Националон Змæлд – Тых Иудзинады ис»  рабадты хайад нæ райсдзæн.

«Мах нæ райсдзыстæм  хайад   Иванишвилийы цъаммар архæйдтыты, ацы  фыццаджы дæр  у нæ бæстæйы  Европаг æвзæрсты саботажы нысанæн.  Растдæр ацы нысанæн  фракци «Националон Змæлд- Тых Иудзинады Ис»  нæ уыдзæн   залы  уыцы рæстæджы,  Иванишвили  куы  ауадздзæн импичментæй хуынд процессы, кæцыйæ йæ реалон нысан у, Гуырдзыстонмæ лæвæрд ма рцæуа  кандидаты статус  æмæ нæ европаг  æвзæрсты реализацидзинад ма  рцæуа. Уый у  нæ фидар   уынаффæ, кæцы абон  ноджы иу  хатт   сбæлвырд ис,  «Иугонд Националон Змæлды»   сæйраг   уынафæ исæг  органы, политикон советы рабадтыл», –  фехъусын кодта Тина Бокучава.