«Националон Змæлды» ног сæрдарæй ссис Леван Хабеишвили

10:36, 30.01.2023

«Иугонд Националон Змæлды» сæрдæрттæм æвзæрстыты  фæуæлахиз ис Леван Хабеишвили. Уый хъæлæсты 52,58 процент рымбырд кодта.

Æвзæрстыты цыппар кандидат иста хайад: Ника Мелиа, Леван Хабеишвили, Гиорги Мумладзе æмæ Нона  Мамулашвили.

Хъæлæскæныны процедурæ  28 январы  райдыдта æмæ  абон сæумæрайсом  10:00 сахатыл  фæцис.

Æвзарæнон   процесс цыдис  блокчейны принципæй.

Хуыздæр