«Националон Змæлды» хъусинагæй, Тина Бокучава европарламенты президент Роберта Меццоллаимæ фембæлдис
«Иугонд Националон Змæлды» сæрдар Тина Бокучава æмæ коалицийы иуæй-иу лидер Гиги Цъеретели Брюсселы, Европæйы Адæмон Партийы политикон ассамблейыл сты. Информаци уый фæдыл «Националон Змæлды» пресскуыст хъусын кæны. Афтæма сæ хъусинагæй, ассамблей еврокомиссартæй Адæмон Партийæ бавдыст кандидаттимæ æмбæлы.
Партийы куыд хъусын кæнынц афтæмæй, «Иудзинад Националон Змæлды» лидертæ фембæлдысты европарламенты президентима, Роберта Меццоллаимæ, æмæ Гуырдзыстоны уæвæг разæвзарæнон уавæр афæлгæстой.
«Националон змæлды» хъусын кæнынц, цæмæй «Европæйы ис æххæст цæттæдзинад, баххуыс уой Гуырдзыстонæн уыцы изоляцийæ рацæуыны, кæцыймæ бæстæйы баласта «Картули Оцнеба».
«Сом Европæйы Адæмон Парти Гуырдзыстоны фæдыл резолюцийы текстыл фæуынаффæ кæндзæн. Резолюцийы сæйраг акцент арызт у, гуырдзиаг адæмæн лæвæрд уа йæ политикон фæнды уæгъдибарæй равдисыны фадат», – дзырдæуы «Националон Змæлды» пресскуысты информацийы.