«Националон Змæлд» - арв хъыгдзинад æвдисæм æмæ тæфæрфæс кæнæм Руставы сабырадон протесты хайадисæгы мæлæты тыххæй
Арв хъыгдзинад æвдисæм Руставы сабырадон протесты хайадисæгы мæлæты тыххæй, тæфæрфæс кæнæм йæ бинонтæн – банысангонд у фидиуæны, кæцыйы публикаци кæны «Иугонд Националон Змæлд».
«Пъæлицæйы æнæзаконон архæйдтæ æмæ акцийы бынаты фæдыл сæ ультиматумтæ расайдтой массон протестæн хъæугæ тыгъдад сæмбонд кæнын. Уымæй уæлдай ма, бынатыл нæ уыд мобилизацигонд тагъд медицинон æххуысы иунæг бригадæ дæр.
Хъыгагæн, ахæм ахаст расайдта фаталон фæстиуæг æмæ тагъд медицинон æххуысы фадат кæй нæ уыдис уый тыххæй, хицауады фыдгæнæгон политикæйы фæстиуæгæн амард протестон акцийы иу хайадисæг. Курæг стæм «Гуырдзиаг Бæллиццæй» цъус уæддæр райрæзæт хицауады уæвыны бæрн æмæ сифтонг кæнæт хайадисджыты æнæниздзинады æмæ царды бар» – банысангонд у партийы фидиуæны.
Руставы, æфхæрдæххæстгæнæн 12-æм уагдоны цур, Михеил Саакашвилийы фарсхæцæг акцийы размæ, протесты иуæй-иу хайадисæгæн йæ зæрдæ бахъарм ис æмæ æрбамард. МХМ-ы пресс-куысты куыд хъусын кæнынц афтæмæй, акцийыл нæлгоймагы мæлæты фактыл, хъуыддаг рæгъмæ рахастой тугтæрхоны барады кодексы 115-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары химарыны онг бакæнын.