Националон экологион агентад - Девдоракийы æфцæджы тæссагдзинады æмвæзад ныртæккæ у минималон, доны æмвæзад æрыздæхт йæ фыццагон æмвæзадмæ, æнæнхъæлæджы донивылдтæ æмæ æрзæткъахæнты процесстæ нал фыст цæуынц
Девдоракийы æфцæджы тæссагдзинады æмвæзад ныртæккæ у минималон, доны æмвæзад æрыздæхт йæ фыццагон æмвæзадмæ, æмæ æнæнхъæлæджы донивылдтæ æмæ зæйты æрзæткъахæнтæ нал фиксиргонд цæуынц, хъусын кæны Националон экологион агентад.
Информацийы ис фыст, цæмæй уагдон фæндаг байгом кæныны фæдыл рекомендаци рапарахат кодта.
«Алфæмблайы хъахъæды æмæ хъæууон хæдзарады министрады националон экологион агентады информацийæ, ацы азы 31-æм июлы, Девдоракы комы уæвæг сигнализацийы системæйæ, змæлды процесс рабæрæг ис, системæ æвæстиатæй Ларсийы арæнгæрон уадзæн пунктмæ тревогæйы сигнал арвыста;
Уæлæмхасæн тæссагдзинæдтæ сбæрæг кæныны тыххæй, Националон экологион агентады специалисттæ дронты фæрцы сарæзтой Девдораки-Амалы дæлвæзы æркаст æмæ сбæрæг кодтой æнхъæлмæкæсинаг тæссагдзинæдтæ.
Къазбеджы муниципалитеты, Терчы цæугæдæтты бирæнымæц атмосферон къæвдатæ æркодтой цъыфы змæлдтыты равзæрдмæ. Уый фæдыл уæлдай бæрæг сты Къуро æмæ Чхерейы дæлвæзтæ æмæ Цдойы хъæумæ хæстæг Тергийы цæугæдоны рахиз донвæды цы бæрзонд тыгъд цъыфдæттæг равзæрд, уый, кæцы рæстæгмæ æрæхгæдта Тергийы цæугæдоны бын. Ныртæккæ донбылгæрон у гом æмæ тæссаг нæ хæссы цъайæн. Афтæ дæр, Амали-Девдоракы цæугæдоны былгæрон тыхджын цъыфы змæлд æрцыд, фæлæ уый нæ бандæвта Дарьялы комы инфраструктурон объекттыл.
Информацийы тыххæй, ахæм сигнализацийы эффективондзинад фæлвæрд æмæ фидаргонд æрцыд фæндагон инфраструктурæмæ хæстæг цы дæлвæзтæ ис, уыдонæн. Ацы системæ фадат дæтты, куы бахъæуа, цыбыр рæстæгмæ фæндагон транспорты змæлды арæнæвæрдæн», -ис фыст алфæмблайы националон агентады парахатгонд информацийы.