Националон гвардийы æфсæддæттæ Турчы Республикæйы уагъд æртæфарсон  ахуырты  райстой хайад
Националон гвардийы æфсæддæттæ Турчы Республикæйы уагъд æртæфарсон ахуырты райстой хайад

Гуырдзыстон-Турк-Азербайджаны æртæфарсон  æмгуыстады форматы  Анкарайы  ацыд æрдзон стихийы  рæстæджы  агуырд-ирвæзынкæныны  ахуыр «DAK-23».

Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министрады  информацийæ,  иукъуырион   тактикон  æмвæзады ахуыры  Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады тыхты  националон гвардийы  æфсæддæттæ, туркаг æмæ азербайджайнаг  коллегæтимæ  иумæ  истой хайад.

Æртæфарсон  ахуырæн  гæнæн  стихион  катастрофæты рæстæджы  Гуырдзыстон-Турк-Азербайджаны  агуырд-ирвæзынкæныны  къордты æхсæн  æмгуыстады, координацйы æмæ кæрæдзимæ æмбынатиндзинад сбæрзонддæр кæнын уыд  йæ нысан. Симуляцион  сценаримæ гæсгæйæ, ахуырты  зæххæнкъуысты рæстæджы агуырд-фервæзын кæныны  операциты симуляцитæ  уыдысты уагъд.

Æфсæддæттæ ирвæынгæнæн  ифтонггæрзты фæрцы  кæлддзæгты бынæй   цæфты сисын, сурзæххон æмæ уæлдæфон  транспортæй  цæфты   эвакуаци  æмæ куыйты  æххуысæй   кæлддзæгты бын баззайæг  адæймæгты  агурын-фервæзын кæныны  фæлтæрдтæ   фæхуыздæр кодтой.  Ахуыр ротацийы  принципæй  цæуы. Фидæн азы DAK-23-æн  сфысым кæндзæн  Азербайджан, уый фæстæ та –  Гуырдзыстон.