Националон Банкъ – Рейтингон агентад S&P Гуырдзыстоны экономикон рæзты прогноз 7.1% онг фæбæрзонддæр кодта
Рейтингон агентад S&P Гуырдзыстоны экономикон рæзты прогноз 7.1% онг фæбæрзонддæр кодта – уый фæдыл информацийы хъусын кæны Гуырдзыстоны националон банкъ.
Уымæй уæлдай ма, NBG куыд фыссы афтæмæй, S&P Global Ratings бахъахъхъæдта Гуырдзыстоны суверенон рейтинг «BB» æмæ перспективæ «стабилон».
«Компанийы хыгъдлæвæрды куыд банысангонд у, афтæмæй æххæстгонд структурон реформæты фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны монетарон æмæ фискалон политикæ, регионы бæстæтимæ абаргæйæ, фылдæр уæздандæр у, кæцы фæстагмæ ахъаз фæцис бизнесы уавæры фæхуыздæрæн.
S&P Global йæ хыгъдлæвæрды йæ хъус дары Националон Банчы резервты æмбырд кæныны политикæмæ. Документмæ гæсгæ, стратегион сыгъдæг æлхæдтыты фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны националон банкъы æппæтдунеон резервтæ фæстаг мæйты дæргъы фæфылдæр сты, кæцы тыхджын туризмы æфтиæгтæ æмæ дарддæргонд финансон æрбацыды фæстиуæгæн у.
Йæ афæлгæсты, рейтингон компани афтæдæр аргъ кæны Гуырдзыстоны банкъон секторæн æмæ банысан кæны, цæмæй банкъон системæ баззайы æфтиагджын капитализацийы бæрзонд æмвæзад æмæ фидар ликвидондзинады буфертимæ», -ис фыст NBG-йы расидæны.