Националон Банкъ монетарон политикайы 0.25 %, 8.0 % онг фæкъаддæр кодта
Националон Банкъ монетарон политикайы 0.25 %, 8.0 % онг фæкъаддæр кодта
«Гуырдзыстоны ныллæг инфляцийы тыгъдад ис æмæ æнæхъæн инфляци афæдзон 1.5 % сырæздзæн, базисон инфляци та 2.3% у. Ивгъуыд мæймæ абаргæйæ, инфляцийы рæзт цæугæ геополитикон уавæры аххосагæй, нефты аргъы рæзт сцырын кодта. Рæстæгонæй фæкарзгонд монетарон политикайы фæстиуæг бинæттон амалиуджыты продуктты аргъты рæзт нормæйы фæлгæтты ис.
Æнæгæсгæ позитивон тенденцитæм, геополитикон уавæрмæ гæсгæ, инфляцийы рисктæ бæрзонд сты. Ацы этапыл уæвæг мид æмæ æддаг расидæнты фæстиуæг, Гуырдзыстоны Националон монетарон политикайы 0.25 %, 8.0% онг фæкъаддæр кодта», – ис фыст информацийы.