Националон Банкъ - Январæй-июны Гуырдзыстон райста 1 971,0 милуан АИШ доллары æфтиаг æхсæнадæмон балцытæй
Гуырдзыстон 2025-æм азы дыккаг кварталы балцæй 1145,0 милуан АИШ доллары æфтиаг райста, кæцы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 5,0% фылдæр у. Æдæппæтæй, цæугæ азы дыууæ кварталы, ацы нымæц уыд 1,971.0 милуан АИШ доллары, афæдзы рæзт 3.8%.
Уымæй уæлдай ма, Централон банкъы информацийæ, Евроцæдисы бæстæты хай цæугæ азы дыккаг кварталы æхсæнадæмон балцыты æфтиæгты 15.2% уыд бæрæггонд æмæ 173.9 милуан АИШ доллары бæрц уыд, кæцы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 26.0% фылдæр у.
Статистикæмæ гæсгæ, Азербайджаны, Сауды Аравийы æмæ Израилы æфтиæгтæ хицæн кæнынц бæрзонд рæзты темпæй, афæдзы рæзты темптæ сты 42,3%, 20,9%, 16,4%. Уæрæсейæ æфтиæгтæ ныллæг тенденцийæ характерон сты – 2025 азы дыккаг кварталы, Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ балцы æфтиæгтæ 20.5% фæкъаддæр сты.
Гуырдзыстоны æфтиæгтæ туризмæй бæстæтæм гæсгæ 2025 азы дыккаг кварталы дихгонд сты ахæм хуызы: Азербайджан – 54,0 милуан АИШ доллары; Белорусси 19,9 милуан АИШ доллары; Турк 151,4 милуан АИШ доллары; Иран 29,3 милуан АИШ доллары; Израил 127,7 милуан АИШ доллары; Уæрæсе 166,0 милуан АИШ доллары; Сауды Аравийы 30,1 милуан АИШ доллары; Ирыстон 37,8 милуан АИШ доллары; Украинæ 35,8 милуан АИШ доллары; Европæйы Цæдис 173,9 милуан АИШ доллары; Иннæ бæстæтæ 319,3 милуан АИШ доллары.