Националон банкъ - январ-сентябры Гуырдзыстон райста 3 637,8 милуан доллары æхсæнадæмон балцыты æфтиæгтæй, æрвылазон рæзт та 5,1%
Националон банкъ - январ-сентябры Гуырдзыстон райста 3 637,8 милуан доллары æхсæнадæмон балцыты æфтиæгтæй, æрвылазон рæзт та 5,1%

Гуырдзыстон 2025-æм азы æртыккаг кварталы балцыты æфтиагæй 1 666,8 милуан АИШ доллар райста, кæцы ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 6,6% фылдæр у. Æмæ æмтгæй райсгæйæ, цæугæ азы æртæ кварталы ацы нымæц 3 637,8 милуан АИШ доллармæ баххæсыд (афæдзон рæзт 5,1%) – хъусын кæны Гуырдзыстоны Националон Банкъ.

Националон банкъы информацийæ, 2025-æм азы æртыккаг кварталы Евроцæдисы бæстæты хай æппæтдунеон балцы æфтиæгты бæрæггонд æрцыд 14.3% æмæ 238.2 милуан АИШ доллармæ æрхæццæ – ивгъуыд азы аналогион периодимæ абаргæйæ 13.3% рæзт.

«Статистикæмæ гæсгæ, Азербайджан æмæ Израилы æфтиæгтæ сты бæрзонд рæзты темптæй, афæдзы рæзты темптæ сты 36,3% æмæ 28%.

Уæрæсейæ æфтиæгтæ фæкъаддæры тенденцийæ характерон сты – 2025 азы æртыккаг кварталы, Уæрæсейæ Гуырдзыстонмæ балцæй æфтиæгтæ 14,3% фæкъаддæр сты.

Гуырдзыстоны æфтиæгтæ туризмæй бæстæтæм гæсгæ 2025 азы æртыккаг кварталы дихгонд сты афтæ: Азербайджан – 66,4 милуан АИШ доллары, Белорусси – 36,9 милуан АИШ доллары, Турк – 195,7 милуан АИШ доллары, Иран – 42,9 милуан АИШ доллары, Израил – 188,3 милуан АИШ доллары, Уæрæсе 25,25 милуан АИШ доллары, Сауды Аравийы – 95 милуан АИШ доллары. АИШ доллар, Сомихстон – 61,4 милуан АИШ доллар, Украинæ – «44,9 милуан АИШ доллар, Евроцæдис – 238,2 милуан АИШ доллар, æндæр бæстæтæн – 453,7 милуан АИШ доллар», -ис фыст информацийы.