Националон Банкъ – Гуырдзыстонмæ æхца æрвитыны сæйраг гуырæн у Евроцæдисы бæстæтæ æмæ АИШ
Националон Банкъ – Гуырдзыстонмæ æхца æрвитыны сæйраг гуырæн у Евроцæдисы бæстæтæ æмæ АИШ

Сентябры, Гуырдзыстонмæ æрвыст  æхцайы бæрц,  афæдзон  12,1% -æй сырæзт, 317,8 милуан АИШ доллары онг, Гуырдзыстонæй æрвыст æхцайы бæрц та 12,7% сырæзт, 38,2 милуан АИШ доллары онг – уый фæдыл Гуырдзыстоны Националон Банкъы рапарахатгонд хыгъдлæвæрды ис фыст.

Централон Банкъы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, снысангонд рæзтмæ сæйраг хай  бахастой Евроцæдисæй райсгæ æхцайы фæрæзтæ,  æрвылазон рæзтæй 11.7% у. 21,7%  рæзт дарддæр кодта АИШ-æй райсгæ æхцайы фæрæзтæ.  Уæрæсейы  хайбавæрд сентябры уыд 1,3 проценты.

“Сентябры æхцайы фæрæзты сæйраг гуырæн уыдысты Евроцæдисы бæстæтæ (45,4%), АИШ (18,8%) æмæ Уæрæсе (12,4%). Евроцæдисы бæстæты æхсæн нысаниуæгджын у Италийы (17,0%), Германийы (9,4%) æмæ Грецийы (8,2%) стыр хай”, — дзырдæуы НБ-йы информацийы.