Националон æдасдзинады советы нымæрдары функци, лæвæрд æрцыд Гиорги Гахариамæ
Премьер-министры къухдариуæгæй националон æдасдзинады советы фыццаг рабадт сом сырæздзæн.
Хицауды администрацийы пресс-куысты информацийæ, националон æдасдзинады советы нымæрдары функци, лæвæрд æрцыд Гиорги Гахариамæ.
«Гуырдзыстоны премьер-министры Мамука Бахтадзейы къухдариуæгæй, сом фыццаг майы, 12:00 сахатыл сырæздзæн националон æдасдзинады советы рабадт.
Хицауады сæргълæууæгы бардзырдæй, националон æдасдзинады советы нымæрдары функци лæвæрд æрцыд вице-премьер, мидхъуыддæгты министр Гиорги Гахариамæ.
Бардзард премьер-министр, «Националон æдасдзинады политикæйы сплан кæныны æмæ координацийы уагы фæдыл» Гуырдзыстоны закъонмæ æмбæлгæйæ рауагъдта.
Националон æдасдзинады совет 8 уæнгæй уынаффæгæнæг оргæн у, кæцыйæн къухдариуæг кæны премьер-министр.
Советы иугæндзон уæнгтæ сты мидхъуыддæгты министр, хъахъъæнынады, фæсарæн хъуыддæгты æмæ финансты министртæ, паддзахадон æдасдзинады æмæ рагысгарæг куыстыты къухдариуæггæнджытæ æмæ хъахъъхæнынады тыхты сæргълæууæг.
Совет ифтонггонд у стратегион æмвæзадыл националон æдасдзинады политикæйы сплан кæныны æмæ координацийы мандатæй» – хъусын кæнынц хицауады администрацийы пресс-куысты.