Национ Банкъ -  Валютон Базарыл  сфиксиргонд схуыстытæ цыбырæмгъуыдон сты æмæ не сты  фундаментон, макроэкономикон  фактортæй расайгæ
Национ Банкъ - Валютон Базарыл сфиксиргонд схуыстытæ цыбырæмгъуыдон сты æмæ не сты фундаментон, макроэкономикон фактортæй расайгæ

Гуырдзыстоны Национ Банк   валютон  аукционыл  60 милуан доллары интервенци сыххæст кодта.

ГНБ-ы информацийæ, базарæн  ликвидондзинад бадавыны  уынаффæ  Национ  Банк  фæстаг бонты  валютон базарыл  атынггонд ажиотажы  процессты  тыххæй  рахаста, кæцыимæ иумæ  ма  иухаттон ставд   транзакцитæ дæр сыххæст сты.  Фæстиуæгæн   валютæйыл  уæлдайджын æркуырд сфиксир ис, кæцы  ларийы  къурсыл уæлæмхас  уæз сæвзæрын кодта.

«Уыимæ ма райхалдзыстæм, цæмæй  валютон базарыл  сфиксиргонд   схуыстытæ не сты расайгæ фундаментон макроэконмикон   фактортæй æмæ уымæ гæсгæ  дæр цыбырæмгъуыдон сты. Рæстмæ макроэкономикон  параметртæ  ис – æсæнадæмон  резервтæ историон максимумыл сты, стабилон сты æфтиæгтæ,  историон минимумыл лæууы цæугæ   хынцы дефицит, фæстаг æртæ азы дæргъы фиксир кæны  бæрзонд экономикон рæзт, инфляци нысанон 3%-æй ныллæгдæр у, фискалон  баланс æмæ паддзахадон хæс  æнæцудгæ  æмвæзыл сты. Абоны бонмæ Гуырдзыстоны финансон  системæ Европæйы  масштабæй иуæй-иу  сеппæтæй  æнæцудгæ у», – дзырдæуы ГНБ-ы фидиуæны.

Национ Банкы ма афтæдæр райхæлдтой, цæмæй   ГНБ дарддæр кæны базармæ цæстдард æмæ йæ къухты уæвæг алы  мæцъистæй   спайда кæндзæн  финансон базары  стабилондзинад сæнæмæт кæнынæн..