Национ Банк валютон базармæ уæййаг хаст 60 милуан  долларæй, 48 500 000  АИШ долллар ауæй кодта
Национ Банк валютон базармæ уæййаг хаст 60 милуан долларæй, 48 500 000 АИШ долллар ауæй кодта

2024 азы  8 октябры  уагъд Гуырдзыстоны националон банкы  валютон  аукционыл  уæййаг    60  млн АИШ долларæй, аукционыл  ауæй ис  48 500 000 АИШ  долллар. Астæуккаг ивгæ  къурс  уыдис   2. 7194  бæрц.

Национ Банкы  куыд хъусын кæнынц  афтæмæй, валютон базарыл  уæлдай  фæлхъæзты æмæ  иухаттон ставд   транзакцитыл æппæрццаг  æндæвдад фæкъаддæры нысанæн, Национ Банк  периодонæй   æххæст кæны  валютон интервенцитæ.

«Фастаг бонты, валютæйы  уæлдай æркуырды  тыххæй  ларийы  ивгæ  къурсыл сырæзт  уæлæмхас  æлхъывд, к æцы  фылдæр   уыдис  иухаттон  ставд транзакцитæй расайгæ,  конкретонæй,  дивидендты   планон   алæвæрды тыххæй.   Уæвгæ  æлхъывды   фæрогдæр кæнынæн,  Национ Банк   валютон интервенцийы  фæдыл уынаффæ  рахаста.  Ам райхалдзыстæм, цæмæй   быргæ   ивæн къурсы  режимы  уавæрты,  къурсы  макроэкономикон   фундаментон  факторты  бындурыл   сырæзы.    Фæстаг периоды, валютон базарыл  уæвæг фæлхъæзт  та  макроэкономикон  фактортимæ баст нæу  æмæ уый тыххæй дæр, ахæм типы   фæлхъæзт   цыбырæмгъуыдон у. Макрокономикон   фундаментон  фактортæ  фæстæмæ  тыхджын сты – фæстаг æртæ  азы  дæргъы  фиксир кæны  бæрзонд  экономикон   рæзт, 2023 азæй  райдайгæ  инфляци   нысанон 3%-æй  ныллæгдæр у.  уыйимæ  æддагон  валютон   æфтиæгтæ   тыхджын сты, кæцы   цæугæ   хыгъды  дефициты  æнæфæцудгæ   æмвæзыл ныууыдзæнæн ахъаззаг у», –  æмбарын кæнынц   регулиргæнæгы.