Национ Банк  Давит  IV Аразæгы æмæ  Тамар Паддзахы  темæтыл  монетæты реализаци райдайы
Национ Банк Давит IV Аразæгы æмæ Тамар Паддзахы темæтыл монетæты реализаци райдайы

 

Гуырдзыстоны  националон банк дарддæр кæны   нумизматикон æрдæмады  парахат кæнын æмæ Гуырдзыстоны  историйы  популяризацийы  нысанæн, дарддæр кæны  кусын  коллекцион  монетæты серийыл  «Гуырдзыстоны паддзæхтæ». Афтæмæй  бавдыст сты  Давит Аразæгы  æмæ  Тамар Паддзахы  темæтыл  коллекцион  нысаниуæгы   фондз ларийы   номиналы  сыгъзæрин æмæ  æвзист  монетæтæ.  Давиты æмæ  Тамары  монетæтæн эскизтæ  гом  конкурсæй  сывзæрстой  æмæ   уыдоны æрцæттæ кодта Нита  Гонгадзе.

Давиты æмæ Тамары  монетæтæ  Лиетувæйы  къазнайы   æрцæттæ кодтой – æвзисты монетæтæ – 3000 , æрмæст сыгъзæрин  монетæтæ  – 500 тиражæй. Æвзист монетæйы аргъ уыдзæн 110 лари, сыгъзæрин монетæтæ – 1500 лари.

«Уый тыххæй,  цæмæй  монетæтæ  фылдæр цымидисгæнæг  уæнгтæн  рæувадат скæнæм, уыдон  лимитиргондæй  ауæй уыдзысты – иу пайдагæнæгæн йæ бон уыдзæн æрмæст иу æвзист æмæ  иу сыгъзæрин монетæ балхæнын», – хъусын кæнынц  национ банкы.